Перейти к содержанию

Ног Фæдзæхст

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Чырыстон дин
Библи
Æртæиууон
Чырыстон дины истори
Чырыстон теологи
Чырыстон дины здæхт
Викикъæбиц

Ног Фæдзæхст (гр. Καινὴ Διαθήκη, Kainē Diathēkē) у, Сыгъдæг Фыст кæнæ Библи кæй хуындæуы, уыцы чиныджы хай. Библийы фыццаг хай хуыйны Рагон Фæдзæхст.

Ног Фæдзæхсты сконд

[ивын | Бындур ивын]
Коринфæгтæм дыккаг фыстæджы хай (11:33-12:9). II æнусы папирус, грекъаг дамгъæтæ

Ног Фæдзæхст арæзт у 27 чиныгæй.

Ног Фæдзæхсты фыццаг цыппар чиныджы хуыйнынц «Евангели» («Евангели» бердзенагау амоны «фарны уац»). Уыцы чингуыты ныхас цæуы Йесо Чырыстийы райгуырдыл, йæ зæххон цард æмæ архайдыл, йæ мæлæтыл æмæ райгасыл. Чырыстон Аргъуан куыд фæзындис æмæ райдианы куыд царди, чырыстон уырнындзинад дунейыл куыд æнхъæвзта, ууыл та дзурæг у Ног Фæдзæхсты иннæ чиныг — «Апостолты хъуыддæгтæ».

Ног Фæдзæхсты чингуыты фылдæр хай (21 чиныджы) сты фыстæджытæ. Ныффыстой сæ Йесойы апостолтæ. Уырнджытæн амындтытæ, суанг уæды заман аргъуантæм куыддæрты цы фæливæнтæ æмæ мæнгахуырæдтæ баирвæзт, уыдон хурмæ рахæссын — уый уыцы чингуытæн у сæ сæйраг мидис.

Ног Фæдзæхсты æмæ æппæт Библийы фæстаг чиныг у Иоанны æргомады чиныг. Афтæ уымæн хуыйны, æмæ дзуры, йæ ныффыссæгæн, апостол Иоаннæн, Хуыцау цы раргом кодта, уыдæттыл. Хуыцау Иоаннæн æргом кæны, рæстæджы кæрон цы хъуамæ æрцæуа, уый — дунейы абон цы фыдæх паддзахиуæг кæны, уымæн Хуыцау сæвæрдзæни кæрон.

Ног Фæдзæхст ныффыстæуыди нæ дуджы I-æм æнусы, грекъаг æвзаджы уæлдиалектон формæйыл — уæды заманы уыцы æвзаг (зындгонд у куыд койне дæр) уыдис æхсæнадæмон бастдзинæдты æвзаг Зæххастæуы денджызы регионы скæсæйнаг былтыл æмæ Æввахс Хурыскæсæны бæстæты.

Дыууæ мин азмæ Ног Фæдзæхсты текст тæлмацгонд æрцыд дунейы сæдæгай æвзæгтæм. Бирæ сты ахæм æвзæгтæ, кæцытыл Евангели сси фыццаг чиныг.

Ирон тæлмацтæ

[ивын | Бындур ивын]

Ирон æвзагыл Ног Фæдзæхсты хицæн чингуытæ (цыппар Евангелийы) фыццаг хатт джиппы рауагътой 1848-æм азы[1]. Уæдæй фæстæмæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд цыдысты Евангелитæ дæр æмæ Ног Фæдзæхсты иннæ чингуытæ дæр. 1993-æм азы Библийы тæлмацы институт ирон æвзагыл рауагъта фыццаг æнæхъæн Ног Фæдзæхст (сты дзы Евангелиты революцийы агъоммæйы тæлмац, иннæ чингуытæ та — Байаты Гаппойы тæлмацæй). Ног Фæдзæхсты æндæр ирон тæлмац 1994-æм азы рауагъта Евангелийы чырыстæтты-баптистты аргъуанты цæдис.

2004-æм азы Библийы тæлмацы институты мыхуырæй рацыдис Ног Фæдзæхсты ног тæлмац. Ацы рауагъд у Ног Фæдзæхст æнæхъæнæй нырыккон ирон литературон æвзагмæ тæлмацы фыццаг фæлтæрæн. Йæ разныхасы куыд дзырдæуы, афтæмæй «тæлмацгæнджытæ тырныдтой бердзенаг тексты ныхæсты равæрд æмæ хъуыдыйæдты арæзт бафæзмынмæ нæ, фæлæ йын йæ хъуыды зæгъынмæ».

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Евангелiе иронау (1902-æм азы рауагъд) æмæ йæ тæлмац кæныны истори

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]